Норвегийы, Европæйы фыццаг донбын ресторан байгом ис. Уый хъæу Болимæ хæстæг, донбылыл лæууы.
Ресторан ном у «Андер», кæцы англисаг æвзагæй тæлмац цæуы куыд «йæ бын» норвегионау та нысан кæны «Диссаг».
Бæстыхай доны бын иуæндæс метры арфмæ хæццæ кæны.
Ресторанæн ис бæрзонд витринæтæ, кæцæй дæр адæймгтæн уыдзæн фадат доны бын цы æрдз ис уымæ бакæсын.
Сæрыфыццагæй, ресторанмæ фæуазæг сты хицæуттæ æмæ сæ хæлæрттæ. Апрелы райдианæй та, ресторан официалонæй байгом уыдзæн.