Норвегийы байгом ис, донбын  ресторан
Норвегийы байгом ис, донбын ресторан

Норвегийы, Европæйы  фыццаг  донбын  ресторан  байгом ис.  Уый хъæу  Болимæ  хæстæг, донбылыл  лæууы.

Ресторан ном у  «Андер», кæцы англисаг æвзагæй  тæлмац  цæуы куыд  «йæ бын» норвегионау та  нысан кæны «Диссаг».

Бæстыхай  доны бын иуæндæс метры  арфмæ хæццæ кæны.

Ресторанæн ис бæрзонд витринæтæ, кæцæй дæр  адæймгтæн уыдзæн фадат  доны  бын  цы  æрдз ис   уымæ  бакæсын.

Сæрыфыццагæй,  ресторанмæ  фæуазæг сты   хицæуттæ  æмæ сæ  хæлæрттæ.  Апрелы райдианæй та,  ресторан официалонæй байгом уыдзæн.