Гуырдзыстоны æмбырдгонд  Европæйы Чемпионаты  равзарæн  этап  Норвегиимæ   хæрæгсастыл ахъазыд #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Европæйы Чемпионаты равзарæн этап Норвегиимæ хæрæгсастыл ахъазыд #1TVSPORT

Гуырдзыстоны футиболы æмбырдгонд «Батумы Аренайыл»  Евро 2024-ы  фыццаг  матчы  Норвегийы  националон æмбырдгондæн сфысым кодта – фембæлд  хæрæгсастыл  хыгъдæй  1:1 фæцис.

Уый  «дзуардарджытæн»  равзарæн   этапы фыццаг матч  уыд, норвегийæгтæ  та  фыццаг   фембæлд   25 марты   Малагайы  Испаниимæ ):3   фембылдысты,  æмæ  ныфс дарттой  цæмæй  баллтæ  Гуырдзыстоны  æмбырдгонды  ныхмæ матчы  систаиккой.

Матчы райдайæн  минутты  норвегийæгтæ   пурти   контрол  кодтой æмæ 15-æм минутыл  хыгъд  абкодтой.

Дыккаг таймы Вили Саньол  фæзмæ рауагъдта  Буду Зивзивадзе  æмæ Саба Лобжанидзейы,   хъазæн схемæ  та  4-4-2йыл фæивдта.  Уыимæ  фемдзыд  нæ балы  фыццаг  дзæбæх  бырст,  Ника Квеквескири   Гиорги  Микаутадземæ  дзæбæх  пас  адæтта, «Мецы»  размæбырсæг та  фæзы  центрæй   пурти ахаста  æмæ   къæм баппæрста,  хыгъд – 1:1.