Номдзыд шеф-æфсапъе Джейми Оливер, гастрономион туры фæлгæтты Гуырдзыстонмæ æрцыд
Номдзыд шеф-æфсапъе Джейми Оливер, Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийы хуындæй, гастрономион туры фæлгæтты Гуырдзыстоны ис.
Информаци хъусын кæны туризмы националон администраци.
Афтæма сæ хъусинагæй, номдзыд шеф-æфсапъе популяризаци скандзæн сегасдæр хæрзад гуырдзиаг хæринæгты.
«Кулинарион туры фæлгæтты шеф-æфсапъе æрзонгæ уыдзæн бæстæйы уникалон культурæимæ, кулинариимæ, фембæлдзн бынæттон шеф-æфсапъетимæ æмæ семæ иумæ гуырдзиаг хæринæгтæ аразын сахуыр удызæн.
Джейми Оливеры рафысджытæн, йæ социалон хызæгты фæрцы уыдзæн фадат цæст бадарой шеф-æфсапъейы гуырдзиаг кулинарион турмæ.
Бритайнаг шеф-æфсапъейæн «Instagram» æмæ «Facebook»-ы иумæ 20 милуанæй фылдæр рафыссæг ис, æрмæст «YouTube»-ыл 6 милуаны онг». – банысангонд у туризмы националон администрацийы ахæлиугонд информацийы.