Ногарызт корпусты æрцæрын кæй фæнды ахæм лигъдон бинонты куырдиæтты райст райдыдта
Абонæй, Тбилисы, Зугдиды, Кутаис æмæ Руставы ногарызт корпусы æрцæрын кæй фæнды ахæм лигъдон бинонты куырдиæтты исын райдыдта. Уый фæдыл информаци, æнæнизхъахъхъæды министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, ног куырдиат хъуамæ баххæст кæна алы уыцы бинонтæ, кæйдæриддæр оигъдонты æрцæрын кæныны программæйы фæлгæтты хæдзар райсын фæнды.
«Тбилисы хæдзар райсыны куырдиат саразын æрмæст уыцы лигъдонтæн у сæ бон, кæцытæ сæйраг горæты 2013 азы 1-аг июны онг сты регистрацигонд. Зугдиды , Кутаис æмæ Руставы хæдзар райсыны куырдиат баххæст кæнын Гуырдзыстоны кæцыфæнды районы регистрацигонд лигъдон бинонтæн сæ бон.
Куырдиæтты баххæст кæнын бæстæйы масштабæй уæвæг юстицийы хæдзæртты 2024 азы 1 февралы онг адарддæр уыдзæн.
Лигъдон бинонтæн нырыккон стандарттæм æмбæлон хæдзæрттæ 2025 азы кæронмæ уыдзысты лæвæрд.
Гуырдзыстоны хицауад лигъдæтты цæрæн хæдзæрттæн сифтонг кæныны нысанæн, 900 милуаны аргъы проект æххæст кæны, кæцыйы фæлгæтты 13 000 лигъдон бинонты æрцæрын кæндзысты» – банысангонд у æнæнизхъахъъæды министрады информацийы.