Ног азы бæрæгбонмæ æрбахæццæ кæныны фæдыл фæкарздæр кæнынц наз бæлæстæ калыны фæдыл контроль
Ног азы бæрæгбæттæ куыд хæстæгдæр кæнынц, афтæ алфæмблайы хъахъхъæнынады æмæ хъæууон хæдзарады министрады профилон уагдоны цæстдард фæкарздæр кæнынц хихджын зайæгойтæ исын æмæ ласынмæ.
Хъæды хæдзарады националон агентад ноджы иу хатт сиды цæрджытæм, цæмæй ма сафой æрдзон хъæздыгдзинæдтæ æмæ пайда кæной аразгæ наз бæлæстæй.
«Æнæзакъонæй æмбырд кæныны, ласыны æмæ назбæлæсты уæй кæныны фæтк халыны тыххæй ивар фыццаг хатт снысангонд у 2000 ларийы бæрц, æмæ йæ фæлхат кæныны цауы æвæрд цæуы уголовон бæрндзинад.Уыцы рæстæг нымад æрцæудзæн алфæмблайы зианы бæрц, кæд æмæ зианы бæрц 1000 ларийæ фылдæр уыдзæн, уæд райдайдзæн уголовон хъуыддаг адæймаджы ныхмæ – ивар/кæнæ ахæстоны фæбадын 1 азæй 3 азы онг æмгъуыдмæ, æмæ æнæзакъононæй хъæддаг бæлæстæ стыр бæрцæй æмбырд кæныны цауы, кæд æмæ æрдзæн зиан æрцæуа 3000 ларийæ фылдæр, уæд æфхæрд у 5 азæй 7 азы онг ахæстоны фæбадын Закъонæй нысангонд санкцитæ æххæстгонд цæудзысты алы хæлдæн дæр», — загъта хъæды агентады сæргълæууæг. Каха Церцвадзе.
Хихджын зайæгойтæ ис легалон æгъдауæй райсæн хъомылгæнæндæттæй, плантацитæй, хæдзарадтæй, стæй ма æрбаласæн дæр. Закъонмæ гæсгæ райсгæ зайæгойты уæй кæныны цауы уæйгæнæг хъуамæ бавдиса æмбæлон документ, кæцы бæлвырд кæны зайæгойы закъонон хицаудзинад. Кæд æмæ хихджын зайæгой ист æрцæуы сæрмагонд зæххы хайæ кæнæ аразгæ æгъдауæй æрзайæг фæзуатæй, уæд зайæгойты ласынæн хъæуы равзæрды тыххæй сертификат, кæцы дæтты бынæттон муниципалитеты мэрия.