«Ног азы хъæу» 14-æм январы онг уазджыты суазæг кæндзæн – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе комкоммæ социалон хызæгты фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æмгъуыд адарддæр ис æхсæнады сæрмагонд æркуырдмæ гæсгæ.
«Мах фехъусын кодтам, цæмæй «Ног азы хъæу» кусдзæн 7 январмæ, фæлæ ис стыр æркуырд æхсæнад æмæ амалиуæггæнджытæй. Фыццаджыдæр мæ фæнды бузныг зæгъын се æмгуыстады тыххæй. Мах аскъуыддзаг кодтам Ног азы хъæуы куыст адарддæр кæнын. Архайдтытæ адарддæр уыдзысты 14 январы онг – концерттимæ, æнхъæлмæ кæсæм уæ алкæмæн дæр. арфæ уын кæнæм уæ амондæй, нæ бæстæйы хайджын уæт æнтыст, размæцыд, циндзинад æмæ уарзондзинадæй», – расидтис Каха Къаладзе.