Нью-Йоркы штаты ассамблея 26-æм май Нью-Йоркы штаты Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонæй расидтис
Нью-Йоркы штаты ассамблея 26-æм май Нью-Йоркы штаты Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонæй расидтис

Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Нью-Йоркы Гарварды клубы, Гуырдзыстоны генералон консулады  уагъд æрцыд прием. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, мадзалы фæлгæтты уазджытæм раныхас кодта Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалия. Йæ ныхасы рæстæджы бахахх кодта Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн æввахс æмкуыстдзинад æмæ хæларадон ахастыты нысаниуæгдзинад æмæ Гуырдзыстоны æттаг политикæйы приоритеттыл фæныхас кодта.

Гуырдзыстоны генералон консуладæн церемонионæй лæвæрд æрцыд Нью-Йоркы штаты ассамблейы закъондæттæн резолюци, кæцы штат Нью-Йоркы Гуырдзыстоны хæдбардзинады боныл банымадта 26-æм май.

Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны сæраппонд приемы Гуырдзыстоны парламенты ахуырады, зонады æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Гиви Миканадзе, Иугонд Нациты Организацийы Гуырдзыстоны миссийы къухдариуæггæнæг, Цæгат Америкæйы епископ Саба, АИШ-ы æттаг хъуыдтæгты департаменты Нью-Йоркы регионалон офисы директор Кэтлин Эган истой Мисситæ, Нью-Йоркы аккредитацигонд фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ æмæ генералон консултæ, бынæттон хицауады органты минæвæрттæ, се æхсæн Нью-Йоркы мэрийы æмæ Куинсы районы вице-президент, базарадон æмæ индустрийы палатæты президенттæ æмæ гуырдзиаг культурон центрты къухдариуæггæнджытæ.