«Нью-Йорк Таймс» - Ким Чен Ын  Уæрæсемæ визит план кæны, цæмæй  æркæса  уырыссаг æфсадæн  хæстæрмæг бадæттыны æмæ æфсæддон æмгуыстады фарстатæ
«Нью-Йорк Таймс» - Ким Чен Ын Уæрæсемæ визит план кæны, цæмæй æркæса уырыссаг æфсадæн хæстæрмæг бадæттыны æмæ æфсæддон æмгуыстады фарстатæ

«Нью-Йорк Таймсы» хъусинагæй,   Цæгат Кореяйы  лидер   Ким Чен Ын  тагъд  Уæрæсемæ ныцæудзæн, цæмæй æркæса  уырыссаг æфсадæн  хæстæрмæг  бадæттыны æмæ æфсæддон æмгуыстады  фарстатæ. Рауагъдад   информаци хъусын кæны америкаг  æмæ  æндæр ныгуылæнаг   рагысгарæг куыстыты бавдыст бæрæггæнæнтыл æнцойæ.

Рауагъдады  анонимон   равзæрæны  дзырдæй,   Ким Чен Ын  стыр æвæццæгæнадæй,  Владивостокмæ  йæ  згъæрпоездæй ныццæудзæн æмæ  фембæлдзæн  Путинимæ хурыскæсæны  экономикон форумыл, кæцы  10-13  сентябры ацæудзæн.

«Путины  фæнды бауырнын кæна Кимы, цæмæй  Уæрæсейæн  арвита артиллерион  хæстæрмæг  æмæ  танкыныхмæ  ракетæтæ, æрмæст Ким Чен Ыны  та фæнды, цæмæй Уæрæсе  Цæгат Кореямæ бадæтта  нырыккон сателитон   технологитæ  æмæ атомон  дæлдон наутæ», –  фыссы  рауагъдад «Нью-Йорк Таймс».