Нэд Прайс - Уæрæсе азты дæргъы æххæст кодта интервенци, оккупаци, цырын кодта конфликттæ йæ сыхы æмæ æндæрты ныхмæ, ранымад æгæр стыр у – Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ, адон æрмæст цалдæр сты уыдонæй
Уæрæсе азты дæргъы æххæст кодта интервенци, оккупаци, цырын кодта конфликттæ йæ сыхы æмæ æндæрты ныхмæ, ранымад æгæр стыр у – Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ, адон æрмæст цалдæр сты уыдонæй, – уый фæдыл брифингыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Нэд Прайс Украинайы арæнгæрон уырыссаг тыхты концентрацийы фарстайыл ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы ивгъуыды архæйдтытæм гæсгæйæ, АИШ скептикон ахаст дары Уæрæсейы фидиуæнтæм уый фæдыл, ома Украинайы цур мобилизацигонд тыхтæ хайад исынц ахуырты.
«Ацы тæккæ мах куы ныхас кæнæм уæд Украинайы территорийыл сты уырыссаг тыхтæ æмæ Уæрæсе цы тыхтæн æххуыс кæны, уыдон. Уæрæсейæн концентрацигонд сты мингай, зæгъæн ис, сæдæ мин æфсæддон Украинайы арæныл æмæ уый абаргæйæ цыбырдæр периоды сарызтой. Кæй зæгхын æй хъæуы, растдæр Уæрæсе уыд, кæцы 2014 азы Хъырымы анекси куы скодта, сцырын кодта хæст Украинайы æмæ дарддæр кæны конфликттæ цырын кæнын. Растдæр Уæрæсе азты дæргъы æххæст кодта интервенци, оккупаци, цырын кодта конфликттæ йæ сыхы æмæ æндæрты ныхмæ, ранымад æгæр стыр у – Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ, адон æрмæст цалдæр сты уыдонæй. Растдæр Уæрæсе азты дæргъы йæхи тъыста демократон æвзæрстыты, уый нымæцы сæхимæ дæр. Сæрмагондæй арæнты æддæйæ спайда кодтой химикон хæцæнгарз,, къухдариуаг кодтой киберлæбурдтытæн, энергоресурстæй архайдтой куыд хæцæнгарзæй. Уый тыххæй, ныббарут нын нæ скептицизм, Уæрæсейæ куы хъусæм, цæмæй адон æрмæст ахуыртæ сты зæгъгæ», – райхъусын кодта Нэд Прайс.