Низты контролы центр коронавирусы ныхмæ вакцинацийы фæдыл хыгъдлæвæрд публикаци кæны
2021 азы 15 мартæй 31 декабры онг периоды Гуырдзыстоны «Ковид 19»-æй 385 вакцинацигонд, æрмæст 10 532 æнæвакцинацигонд уæнг амард – уый фæдыл низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры 2020-2021 азы хыгъдлæвæрды дзырдæуы.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, ацы периоды госпитализаци бахъуыд 8401 вакцинацигонд уæнгæн, æнæвакцинацигонд уæнгтæй та медицинон уагдонмæ аласын бахъуыд 130 648 адæймагæн. Ацы бæрæггæнæнтыл æнцойæ, низты контролы центры хатдзæгæй, «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæ 90,56 –æй къаддæр кæны госпитализацийы риск. Реанимацийы схуыссын кæныны æмæ критикон базилын та æнæмæнгхъæуындзинад та, æнæвакцинацигонд уæнгтимæ абаргæйæ, 94.1 %-æй къаддæр у.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, иммунизацийы фæстæ периоды регистрацигонд у леталон фæстиуæгы авд цау. Бацахуыры фæстиуæгæн сбæрæг ис, цæмæй авдæй фондз цауы, мæлынад вакцинациимæ баст нæу. Леталондзинады иу цау нырма бацахуыры этапыл ис, нырма иу та специалон комитеты документаци бавдисыны онг урæд у.
2021 азы 14 декабрæй цæугæ азы 23 январыонг периоды «омикрон» штаммы 1 532 регитсрацигонд цауæй госпитализаци бахъуыд 38 пациентæн, æртæ цауы фæстиуæг уыд леталон.