Низты контролы центр - гриппы вирусæй фæмардуæвæг дыууæдæр пациентæн уыд хроникон низтæ, сæ иуæн дæр нæ уыд вакцинаци
Гриппы вирусæй адзалы дыууæдæр цауы пациенттæ рынчын уыдысты хроникон низтæй æмæ сæ иуæн дæр нæ уыд арызт гриппы ныхмæ вакцинаци, – уый тыххæй Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта низты контролы национ центры æнæхæцгæ низты департаменты хистæр, Хатуна Захашвили. Йæ ныхæстæм гæсгæ, пациенттæ æххæстаздзыдтæ уыдысты. Æндæр детæлттыл центры минæвар нæ ныхас кæны.
Абон низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры генералон директор Амиран Гамхърелидзе райхъусын кодта, цæмæй ацы этапыл Гуырдзыстоны фылдæр циркулир кæны дыууæ тип А æмæ В типы гриппы вирустæ, фæлæ фылдæр сфиксир вæййы В типы вирусы цаутæ, кæцытæ А (H1N1, H3N5) типы вирусимæ абаргæйæ рог формæйæ цæуынц. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, куыд ног цауты нымæц, афтæ уæззау цаутæ стационарты абаргæйæ къаддæр сты, ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ.