Николоз Самхарадзе - Женевæйы æхсæзæм дунеон спикерты конференци байгом ис, нæ делегаци ацы платформæйæ спайда кæны уыцы бæстæтимæ фембæлынæн, кæцытæ географионæй дард сты Гуырдзыстонæй
Женевæйы байгом æхсæзæм дунеон спикерты конференци, кæцы уагъд æрцыд Дунеон парламентон цæдис æмæ Иугонд Нациты Организацийы эгидæйы бын. Ацы платформæйæ нæ делегаци æппынæдзух пайда кæны уыцы бæстæтимæ фембæлынæн, кæцытæ географионæй дард сты Гуырдзыстонæй, кæцытимæ нын æрвылбойнон контакт нæй – уый фæдыл æттаг ахастыты парламентон комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе расидтис.
Самхарадзейы расидæнмæ гæсгæ, ацы фембæлдты Гуырдзыстоны делегаци ныхас кæны куыд дыууæфарсон ахастытыл, афтæ дæр æнæбанымады политикæйыл.
«Визиты тæккæ фыццаг бон махæн уыд фембæлд Словакийы парламенты сæрдаримæ, кæцы ран æнæбанымады фарста къаддæр зынгæ у. Фембæлдыл мах æруынаффæ кодтам дыууæфарсон ахастытыл æмæ баивтам информаци куыд Гуырдзыстоны афтæ дæр Словакийы мидполитикон уавæры фæдыл. Афтæ дæр ныхас кодтам Словакийы фарсылхæцындзинады тыххæй Гуырдзыстоны интеграцийы фæндагæн, кæцы равдыстам нæ тыхстдзинад. хъыгагæн, Евроцæдисы иуæй-иу бæстæтæ уавæрæн æнæраст аргъ кæнынц, кæцы зиан хæссы Европæйы интеграцийæн.