Николоз Самхарадзе – НАТО-йы нæ уæнгдзинадæн ма хъæуы политикон уынаффæ, мах хъæуы ныгуылæны фидар лидердзинад, кæцы дырыс æмæ æндиуд уынаффæтæ рахæсдзæн
Гуырдзыстоны парламенты æддæ ахастыты комитеты делегаци, комитеты сæрдары, Николоз Самхарадзейы къухдариуæгæй, официалон визитæй Францы сæйраг горæт Паризы ис.
Визиты фæлгæтты парламентон делегаци хайад райста Паризы хъахъхъæнынады æмæ стратегийы форумы, кæцы ацы аз фыццаг хатт цæуы.
Николоз Самхарадзе раныхасгæнæджы рангы райста хайад панелы – «Европæйы ног арæнтæ», кæцыйы уый регионы цæугæ фæзындтыл æмæ уæвæг æдасдзинады расидтытыл фæныхас кодта.
Æддæ ахастыты комитеты сæрдар Евроцæдисы æмæ НАТО-йы ауæрæхы политикæйы æмæ Европæйы æдасдзинады сифтонг кæныны процессы Гуырдзыстны нысаниуæгджын ролмæ раздæхта йæ хъусдард.
«Нырид 15 азæй фылдæр рацыдис, Бухаресты саммитыл махæн æмæ Украинайæн куы баныфвæрдтой, цæмæй суыдаиккам НАТО-йы уæнгтæ. Гуырдзыстон алцыппæт сарызта уыцы хæслæвæрдтæ сыххæст кæнынæн, кæцыты домтта НАТО-йы уæнгдзинад æмæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй абон Гуырдзыстон æххæстæй æмбынатин у НАТО-ы уæнгсуæвыны стандарттимæ. Нæкæсгæ уымæ, нæ уæнгдзинадæн хъæуы политикон уынаффæ рахæссын, кæцыйы фæрцы Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг. НАТО-ы ауæрæхыл ныхасы рæстæджы, альянсы уæнгтæ бирæ æндиуддæр хъуамæ уой. Мах хъæуы ныгуылæны фидар лидердзинад, кæцы дырыс æмæ æндиуд уынаффæ рахæсдзæн», – райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.
Паризы хъахъхæнынады æмæ стратегийы форум фыццаг хатт цæуы Францы. Уым хайад исынц Европæйы бæстæтæй уынаффæтæ исæг уæнгтæ, политиктæ æмæ эксперттæ. Фæнысангонд форум организаци скодта Францы парламент, хъахъхъæнынады министрад æмæ Шуманы фонд.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст.