Николоз Самхарадзе – Иорданийы хицауадимæ ныхас кодтам Йесо Чырыстийы аргъуыды бынаты гуырдзиаг культурон центры арæзтады фарсылхæцындзинады фæдыл
Æттаг æмахастыты комитеты сæрдар, Николоз Самхарадзе æмæ комитеты делегацийы уæнгтæ бабæрæг кодтой Иорданийы хицауады æрдыгæй Гуырдзыстонæн лæвæрд зæххы хай Йесо Чырыстийы аргъуыды бынатыл, кæцыйыл хъуамæ арæзт æрцæуа гуырдзиаг культурон центр. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст парахат кæны.
«Визиты рæстæджы нын уыд ныхас Иорданийы хицауадимæ, цæмæй Гуырдызстоны культурон центры арæзтады процессæн максималон æххуыс æмæ фарсылхæцындзинад уа» – райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.
Делегацийы уæнгтæ афтæ дæр бабæрæг кодтой Иорданийы 11-æм æнусы гуырдзиаг моладзандон Шиханы цæугæ археологон скъахтыты æмæ фидæны нывæзты æмæ куысты фæдыл бынæттон археологон службæйы къухдариуæггæнæгимæ ныхас кодтой.
«Историонæй бæлвырдгонд у, цæмæй Шиханы моладзандон Сыгъдæг Зæххыл гуырдзиæгтæй иуæй-иу моладзандон у, æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй археологион скъахæнтæ адарддæр уой, цæмæй Иорданийы гуырдзиаг культурон фæд бахъахъхъæд æрцæуа», -расидтис Николоз Самхарадзе.