Никол Пашинян – мах бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдæн, ома  хайбавæрд скæна  регионон, æхсæнадæмон стабилондзинад æмæ сабырадмæ баххæссыны  хъуыддаджы
Никол Пашинян – мах бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдæн, ома хайбавæрд скæна регионон, æхсæнадæмон стабилондзинад æмæ сабырадмæ баххæссыны хъуыддаджы

Фæцарæхстытæм, Сомихыстон-Гуырдзыстоны æхсæн  бафыссын æппæтылæххæссæг   æмгуыстад  алы  сферæйы.  Уый  хуыздæр  бæрæггæнæн у, цæмæй ацы  азы  январы  нæ  бæстæты  æмгуыстады  ысхызтис  бирæ бæрзонддæр, стратегион партнерады æмвæзадмæ – уый фæдыл  Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.

Пашиняны дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстон  æнæуæлдайныхасæй  банымадтой кæрæдзийы  территорион æнæхъæндзинад  æмæ суверенитет. Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ уый  у  иуæй-иу  нысаниуæгджын фактор, цæмæй  баххæсдæуæа  стабилондзинад   æмæ дæргъвæтин, æнæфæцудгæ  сабырад Хуссар Кавказы.

Уыимæ Пашинян куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   Ираклий Къобахидзеимæ  хицæн  фембæлдыл  фæныхас кодтой рæнхъ фарстатыл, кæцытæ æххæссынц лæргъвæтин сабырадмæ баххæссынмæ æмæ регионы  стабилондзинад стынг кæнынмæ.

«Æцæгдæр нæ уырны, цæмæй  нын ис историон фадат, рафæлдахæм конфликтты  сæр  Хуссар Кавказы æмæ саразæм æнæцудгæ   сабырад нæ  регионы.   Афтæма уырнæг дæн, цæмæй ацы  сабырады бенефициартæ,  æнæрмæст Сомихыстон æмæАЗербайджан сты, фæлæ  Гуырдзыстон, Турк æмæ Иран дæр райсдзысты   пайда  æмбæрцæй.  Уый тыххæй, алы  зындзинадмæ нæкæсгæ, нæ  хицауад  хъæддых  æмæ  нæффæлайгæ  адарддæр кæндзæн  алы тыхархайыд  цæмæй    сабырад регионы  уа  гæнæн. Мах бæрзонд  аргъ  кæнæм  Гуырдзыстоны  тыхархайдæн, цæмæй  хайбавæрд скæна регионон, æхсæнадæмон стабилондзинады æмæ сабырадмæ  баххæссыны  хъуыддаджы», –  загъта Никол Пашинян.

Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Гуырдзыстонмæ абон æрцыд.