Никол Пашинян – Гуырдзыстон интересджын у æнæрмæст Сомихыстон-Азербайджаны ахастыты нормализацийæ, фæлæ ма практиконæй дæр архайы, йæ къух сараза уавæры æрбиноныг кæнынæн
6 январы фæстæ, æхсæнхицауадон коимтеты æртындæсæм рабадт куы ацыдис уый фæстæ, нæ къух бафыстам декларацийыл ахæм амбицион планты сыххæст кæнынæн, кæцы йæ хъуыдыйы дары дыууæфарсон ахастыты райтынг, ис мын фадат, ныр фенон практикон сыххæсты фæндæгтæ æмæ уыцы архæйдтытæ, кæцы хъæуынц ацы деклрацийы сыххæстæн – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иуæймаг фидиуæнтæ аразыны рæстæджы райхъусын кодта.
Никол Пашиняны фидиуæнæй, Сомихыстон кæддæриддæр йæ фарс хæцыд Гуырдзыстоны евроинтеграцийæн.
«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй дыууæ бæстæйы суверениткт æмæ территорион æнæхъæндзинад нымадмæ ист у. Махæн афтæдæр уыдис ныхас, цæмæй ноджы активондæр æмгустад нын уа. Уый æнæрмæст стратегион нысаниуæгы, фæлæ нæ дыууæфарсон ахастытæ сты фæразондзинады æмæ кæрæдзи æмбарынады бындурыл арызт æмгуыстад. Раззаг азы, Гуырдзыстон райста Евроцæдисы кандидаты статус æмæ мын æхсызгон у ацы факт. Уый у иттæгнысаниуæгдджын мазал, цымæн æмæ йын æнæрмæст нæ регионыл ис æндæвдад, фæлæ ма нæ дыууæфарсон ахастытыл» -райхъусын кодта Пашинян.
Уыимæ Пашиняны фидиуæнæй, абон Ираклий Къобахидзейæн базонын кодта уыцы процесстæ æмæ хъуыдытæ, кæцытæ Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн ахастыты нормализацимæ æххæссынц.