Нико Кварацхелиайы мад – хъуыдтаг бæрæг бæрцмæ æрцыд æрбæстонгонд, фæлæ æз нæ æрлæудзæн, æнæмæнгæй раргом кæндзынæн нæмттæ æмæ мыггæгтæ, кæцытæ гæнæн ис æмæ ацы лæгмард сплан кодта 
Нико Кварацхелиайы мад – хъуыдтаг бæрæг бæрцмæ æрцыд æрбæстонгонд, фæлæ æз нæ æрлæудзæн, æнæмæнгæй раргом кæндзынæн нæмттæ æмæ мыггæгтæ, кæцытæ гæнæн ис æмæ ацы лæгмард сплан кодта 

Дыууæ боны мидæг нæмттæ æмæ мыггæгтæ рабæрæг сты Нико Кварацхелиайы лæгмарды хъуыдтагыл, фæлæ цæмæдæр гæсгæ уый сбæлвырд кæнынæн Гуырдзыстоны прокуратурæйæн 5 азы бахъуыд – уый фæдыл Нико Кварацхелиайы мад, Иза Омадзе  расидтис.

Омиадзе куыд банысан кодта афтæмæй, аххосджынтæй иуы, Бесарион Жваниайы мад, Нино Жваниа ныфс бавæрдта, цæмæй кæд æмæ йæ фырт хъуыдтагы баст уыдзæн, уæд æй прокуратурæмæ ратдзæн.

«Лæгмарды фæстæ дыгкаг бон ацы нæмттæ æмæ мыггæгтæ рабæрæг сты Нико Кварацхелиайы лæгмарды хъуыддагы, фæлæ цæмæдæр гæсгæ Гуырдзыстоны прокуратурæйæн уый сбæлвырд кæнынæн бахъуыд 5 азы. Уыдис дзы æрмæджытæ, телефоны ныхæстæ, хъусынгæнинæгтæ, кæцыты сæ æмбастдзинад бæрæг уыд. радта нын факттæ æмæ аргументтæ, цæмæй ацы фæсивæд уыдысты лæгмарды комкоммæ плангæнджытæ æмæ лæгмарды хъуыдтаг уыд   гом.

Журналисты фарстыл, цæмæй бæрзонд рангы кусджытæ искæй хъахъхъæдтой, Омиадзе банысан кодта, цæмæй йæ хъуыдымæ гæсгæ, лæгмарды планкæнынады баст уыдысты бæрзонд рангы кусджытæ.

«Уый æнæ бæрзонд рангы бæрнонтæй нæ цæуы, цавæр интерес гæнæн ис æмæ уыдаит нырмæ хъуыдтаг нæ фæдагуырд кæнын? Бæрзонд рангы бæрнонтæ æнæмæнгæй баст сты, æрмæст хъахъхъæныны нæ, фæлæ мæнмæ гæсгæ уыдон дæр сты ацы лæгмарды планкæныны», -расидтис Омидзе.

Информацийæн, Гуырдзыстоны прокуратурæйы арæзт брифингыл расидтысты, цæмæй Николоз Кварацхелиайы бардзырдмæ гæсгæ къордон развæлгъау лæгмарды организацийы фæдыл уголовон хъуыддаг байгом ис. Уагдоны куыд ис фыст, афтæмæй хъуыдтагы Гурам Какулиа, Давит Какулиа æмæ Бесарион Жваниайы ныхмæ аххосаг уыдзæн æвдыст.