«Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа ахæстонæй рацыдис. Æфхæрдæххæстгнæнæн 12-æм уагдоны цур Ника Мелиайæн йæ размæ рацыдысты оппозицийы минæвæрттæ æмæ йæ фарсхæцджытæ.
Тæрхонгæнæг абоны процессыл сразы ис прокуратурæйы куырдиатимæ, «Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайæн ахсты фæдыл æфхæрды мадзал цъындыйæ фæивыны тыххæй. Ника Мелиайæн ахст ивд æрцыд цъындыйæ. Цъындыйы суммæ, 40 мин лари Евроцæдисы эгидæйæ рауæлдай кодта «Европаг фонд демократийæн».
Ника Мелиа абоны рабадтыл нæ уыдис, уымæн æмæ йæ фæнысангонд хъуыддаг кæсыны фæлгæтты, тæрхонгæнæг тæрхоны залæй феддæдуар кодта.
Ника Мелиайæн Тбилисы горæты тæрхондон 2019 азы 27 июны æфхæрды мадзалы хуызæй 30 000 ларийы бæрц цъынды æмæ уæлæмхас арæнгæнæг мадзæлттæ стæрхон кодта, уый нымæцы спайда кодтой электронон мониторингæй. Фæлæ 2020 азы фыццаг ноябры, адæмарæх ран æхсæнадон фидиуæн аразыны рæстæджы, Ника Мелиа электронон мониторингæн цы цонгдарæн дартта уый къухæй рафтыдта. Уый фæдыл прокуратурæ æфхæрды мадзал фæкарз кæнын æркуырдта. Тæрхондоны 2020 азы 3 ноябры уынаффæйæ, Ника Мелиайæн æфхæрды мадзалы хуызæй тæрхонгонд суммæ 40 000 ларийæ райрæзтис. Бафидынæн æмгъуыдæй Мелиайæн лæвæрд уыд 50 боны, фæлæ «Иугонд националон Змæлды» сæрдар цъынды нæ бафыста, цæй тыххæй дæр прокуратурæйы куырдиатыл æнцойæ, цæугæ азы 17 февралы Ника Мелиайæн тæрхондон æфхæрды мадзалæй стæрхон кодта æрцахст.
Ника Мелиайы аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийы фыццаг æмæ дыккаг хайæ, кæцы къордон тыхмидзинады организацидзинад, къухдариуæгад æмæ уым хайад райсын дары йæ хъуыдыйы.