Ника Гварамия -50-онг цатыр нæм ис
Ника Гварамия -50-онг цатыр нæм ис

«Коалици ивæндзинæдтæн» лидертæй иу Ника Гварамиайы ныхасмæ гæсгæ, «Цатыртæ Гуырдзыстонæн» кампани æнæхъæн оппозицийæн райсинаг æскъуыддзаг у.

Гварамиа ноджы иу хатт алкæмæ дæр æрсидтис, цæмæй баххуыс кæной цатырты æрæмбырд кæнынæн æмæ банысан кодта, цæмæй ныридæгæн 50 цатыр æрæмбырд ис.

«Мах расидтæм кампани «Цатыртæ Гуырдзыстонæн», уый у нæ коалицийы логистикон кампани, æмæ уый нæ нысан кæны, цæмæй æрмæст мах иунæг райсдзыстæм уынаффæ уынгыл цатыртæ сæвæрыны фæдыл. Уый у райсинаг æскъуыддзаг оппозицийæн, кæцы тагъд рæстæджы суыдзæн хицауад. Ис нæм логистикон хæс, ныридæгæн æрæмбырд кодтам 50 цатыры онг. Фæнды мæ æрсидон алкæмæ дæр, цæмæй нын баххуыс кæной, уый уыдзæн нæ фыдыбæстæйæн лæггад æмæ иумæйаг нысан», – расидтис Ника Гварамиа.