«Мтавари Архи»-ы бындурæвæрæг æмæ генералон директор Ника Гварамиайы, Тбилисы аппеляцион тæрхондон ахсты ныууагъдта.
Ника Гварамиайæн уæдмæ стæрхон кодтой 3 аз æмæ æхсæз мæййæ ахст, кондадон организацийы æххæстбартæй фыдвæнды спайдайы статийæ.
Генералон прокуратурæ 2020 азы 6 сентябры, «Рустави-2»-ы хъуыддагыл аххосаг Ника Гварамиайæн, афтæдæрæ «Рустави-2»-ы раздæры финансон директор Каха Дамениайæн æмæ «Интер Медиа Плюсы» директор Зураб Иашвилийæн бавдыста. Ника Гварамиайы аххосджын кодтой, рагафон бадзырдæй къордæй, стыр бæрцæй «Рустави-2»-ы сæрмагонд мулкон барты ныппаплойы, коммерцион гæртамы æмæ мæнг официалон документты æрцæттæйы.