Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр – рæстæг у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад сног кæна æхсæнады æууæнк æмæ гæнæн ис ахъуыды кæна ОБСЕ-йы рекомендацитыл бындурæвæрд ног æвзæрстыты ауадзыныл
Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр – рæстæг у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад сног кæна æхсæнады æууæнк æмæ гæнæн ис ахъуыды кæна ОБСЕ-йы рекомендацитыл бындурæвæрд ног æвзæрстыты ауадзыныл

Афон у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад сног кæна æхсæнады æууæнкдзинад æмæ гæнæн ис ахъуыды кæна ОБСЕ-йы рекомендацитыл бындурæвæрд ног æвзæрстыты ауадзыныл – уый фæдыл Нидерландты æттаг хъуыдтæгты министр, Каспар Велдкамп социалон хызы фыссы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, уынгты гуырдзиæгтæ сабырадонæй хъахъхъæнынц сæ демокративон æмæ европон фидæн.

«Æз æхсызгонæй райсын Саломе Зурабишвилийы къухдариуæгад æмæ йæ фидар æнæфæцудгæдзинад Гуырдзыстоны европон курсыл. Ныр иу мæйы дæргъы гуырдзиæгтæ сабырæй хъахъхъæнынц сæ демокративон æмæ европон фидæн уынгты, æнæкæсгæ тыхми æмæ тæрсын кæнынмæ. Иу хицауадæн дæр йæ бон нæу сæ сидт ницæмæ дарын.

ОБСЕ-йы демократон институтты æмæ адæймаджы барты фæдыл офис сбæлвырд кодта æвзарæнон уæззау хæлдтытæ, афтæ ма æнхъæлмæкæсинаг сайды фæдыл фæдагуырд кæй нæ цыд. Афон у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад ОБСЕ-йы рекомендациты сыххæстæй, демокративон институттæм æхсæнады æууæнк сног кæна æмæ гæнæн ис æркæса ацы рекомендацитыл бындурæвæрд ног æвзæрстыты ауадзыныл» – фыссы Велдкамп социалон хызы.