Нидерландтæ рахастой уынаффæ Гуырдзыстонимæ арæнтæ байгом кæныны фæдыл
Ниденрландты хицауад сбæлвырд кодта Евроцæдисы бакуыст бæстæты номхыгъд, кæцыты æмбæстæгтæн арæнтæ байгом кæндзæн. 16 бæстæйы æхсæн ис Гуырдзыстон дæр.
Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, фыццаг июлæй Нидерландтæ райсдзæн æмбæстæгты Евроцæдисы рекомендацигонд фынддæс дæр бæстæйæ, уый нымæцы Гуырдзыстонæй. Фæлæ банысангонд у цæиæй Китайы æмбæстæгтæн Европæмæ ныццæуын сæ бон уыдзæн æрмæст уыцы цауы, кæд æмæ Евроцæдисы æмбæстæгтæн Китай байгом кæндзæн арæнтæ.
Нидерландты хицауад фæнысангонд фарсты фæдыл Евроцæдисы скуыддзагы ратификаци скодта. Нидерландты æддагполитикон уагдоны банысан кодтой, цæмæй ацы бæстæты коронавирусимæ баст уавæр æмбæлон у Евроцйæдисы астæуккаг бæрæггæнæнимæ, кæнæ та хуыздæр у.
Евроцæдисы совет 30 июны сбæлвырд кодта уыцы бæстæты номхыгъд, кæцытимæ арæнтæ байгом кæныны фæдыл рекомендаци дæтты уæнг паддзахадтæн Сæ нымæцы ис Гуырдзыстон дæр.
Евроцæдисы советы фидиуæны банысангонд у, цæмæй рекомендаци юридиконæй æмæнæгхъæугæ нæу æмæ йæ сыххæстыл бæрнон сты уæнг паддзахадтæ.