Непалы авиакатастрофæйы фæстиуæгæн 18 адæймаг амард
Непалы авиакатастрофæйы фæстиуæгæн 18 адæймаг амард

Непалы авиакатастрофæйы фæстиуæгæн 18  адæймаг амард.  Чысыл  хæдтæхæг Катмандуйы  аэропортæй  стæхыны рæстæджы æрхаудта, кæцыйы фæстæ йын  сыгъд фæзындис.

Хæдтæхæджы бортыл   экипажы  дыууæ уæнг æмæ 17 техникон специалист уыд, кæцытæ  Горæт  Покхарамæ  æндæр  хæдтæхæджы  саразынæн   балц  кодтой.

Катмандуйы  æхсæнадæмон аэропорты  пресспикеры  дзырдæй,  авиакатастрофæйы  рæстæджы  æрмæст  лайнеры капитан аирвæрзтис, кæцыйы  фæхæццæ  кодтой рынчындонмæ.