Немыцаг раныхасгæнæджы хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй Уæрæсе пайда кæны алы амæлттæй, цæмæй йæ сыхаг бæстæтæн ма ратта йæ æндæвдæй хи суæгъд кæныны фадат
Лондоны, НАТО-йы парламентон ассамблейы 65-æм сессийыл, æдасдзинады æмбæстагон барæны комитеты, немыцаг раныхасгæнæг, Ула Шмидты хыгъдлæвæрд – «НАТО-70 – альянсы хæзнаты сбæлвырд» сфидар кодта.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналист Лондонæй куыд хъусын кæны афтæмæй, документы мидæг Гуырдзыстоны кой цалдæр ран ис, уым хаххгонд у, цæмæй Уæрæсе дарддæр кæны традици æмæ алцыппæт аразы, цæмæй сыхаг бæстæтæн, йæ ндæвдады сферæйæ рахизыны фадат ма ратта.
«Уæрæсе дарддæр кæны йæ традици архайыалы амæлттæй, уый нымæцы æфсæддон тыхæй, цæмæй ма ратта фадат сыхаг бæстæтæн сæхи айсой йæ æндæвдады сферæйæ, цæй дæнц дæр у Украинайы æмæ Гуырдзыстоны ныхмæ агресси» – банысангонд у документы.
Афæтма хыгъдлæвæрды фыст ис, цæмæй «демократимæ тырнын, адæймаджы бартæ, закъоны сæйрагдзинад НАТО-йы уæнгдзинадæн ахсджиаг критеритæ сты. Уæнгдзинад кæй фæнды уыцы æртæ бæстæйы – Босниа æмæ Герцоговина, Гуырдзыстоны æмæ Украина, диссаджы прогресс равдыстой демокративон, политикъон системæты консолидацидзинады. НАТО-йы уынаффæгæнджытæ, нысаниуæгджынæй баххуыс кодтой Гуырдзыстонæн æмæ Украинайæн фæстагрæстæгон закъондæттынад бакусыны, кæцы нысаниуæгджынæй райрæзын кæндзæн парламентон цæстбарынад хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады секторты» .
Афтæма, документы банысангонд у, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Украина, æнæфæцудгæйæ лæууынц трансформаийы фæндагыл .
«Тенденци нын амоны, цæмæй гуырдзыстон æмæ Украина æнæфæцудгæйæ лæууынц трансформацийы ф æндагыл æмæ ййафынц НАТО-ы нырыккон уæнгты æхсæнадæмон тренингты, кæцытæ баст сты медийы сæрибардзинады, закъоны сæйрагдзинады æмæ бизнесæрдзимæ. «Æхсæнадæмон рухсдзыды» коррупцийы индексы 2018 азы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстонæн рейтингы хуыздæр бынаты, НАТО-йы 10 уæнг бæстæимæ абаргæйæ, æмæ иу та кæцы тагъд суыдзæн НАТО-йы уæнг» – банысангонд у немыцаг æмраныхасгæнæджы хыгъдлæвæрды.