Немыцаг медиайы хъусинагæй, Евроцæдис Молдовæйæн йæ къух сараздзæн æдасдзинады структурæты стынг кæныны
Евроцæдис Молдовæйæн баххуыс кæндзæн æдасдзинады структурæ стынг кæныны- уый фæдыл информаци, немыцаг рауагъдад «Welt am Sonntag» европаг бæрзонд гæстыл æнцойæ хуъсын кæны.
Рауагъдады куыд фыссынц афтæмæй, Молдовæмæ сæрды райдайæны æрвыст уыдзæн æмбæстагон мисси, кæцыйы уыдзысты юстицийы, пъæлицæйы æмæ томожнæйы минæвæрттæ. Афтæма Евроцæдис Молдовæмæ аровитдзæн экспертты,к æцытæ Кишиневн киберæдасдзинады æмæ дезинформацийы фарстатыл ауадздзæн консултацитæ.
Немыцаг медиафæрæз куыд хъусын кæны афтæмæй, Евроцæдисы æддагон политикон уагддæ нырид кусынц кризисон концепцийы менеджментыл, кæцы марты уыдзæн цæттæ. Ацы документы уыдзæн фыст Евроцæдисы консультацион миссимæ бацæуæг экспертты нымæц, мандат æмæ профиль. Ацы концепци, Евроцæдисы 27 бæстæ хуъамæ сбæлвырд кæна. Миссиййы Молдовæмæ арвитыны сæйраг фарсдарджытæ сты Германи, Румыни, Балигæрон бæстæтæ, Польшæ, Швеци, дани, Чехи æмæ Португали.