Немыцæгты триумф къахдзоныгътæй дывæрон ерысы (видео)

Немыцæгты триумфæй  фæцис  къахдзоныгътæй дывæрон  ерыс.  Сыгъзæрин   майдан рамбылдта  Йоханес  Ридзекъ, æвзист –  Фабиан  Риссле, бронзæ майдан та  – Эрик Френцель.  Ахæм фæстиуæгæй   Германи  сыгъзæрин майданты  нымæц,  иуæндæсы онг райрæзын кодта  æмæ  аййæфта  Норвегийы, фæлæ  майданты æххæст   нымæцæй  (29)  лидер у  Норвеги.  Германимæ ис  23  майданы æмæ ахсы  дыккаг бынат.

Олимпиадæйы репортажты  фенын уæ бон у   ам:   Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)