Нед Прайс –тынг цъус бæстæ æмбары Уæрæсейы агресийы потенцион фæстиуæг хорз, куыд Гуырдзыстон , кæцыйы 2008-æм азы уырыссаг тыхтæ бабырстой
Нед Прайс – тынг цъус бæстæ æмбары Уæрæсейы агресийы потенцион фæстиуæг хорз, куыд Гуырдзыстон, кæцыйы 2008-æм азы уырыссаг тыхтæ бабырстой
Тынг цъус бæстæ æмбары Уæрæсейы агресийы потенцион фæстиуæг хорз, куыд Гуырдзыстон, кæцыйы 2008-æм азы уырыссаг тыхтæ бабырстой –уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Нед Прайс расидтис.
«Мæ бон у зæгъон, цæмæй бирæ гуырдзийаг, се æхсæн хицауады æмæ æмбæстæгтæ дæр солидарондзинад æвдисынц украинаг коллегатæн. Мах федтам ивгъуыд цалдæр къуырийы дæргъы æппæтдунеон æхсæнады иудзинад. Алкæмæй хуыздæр æвдисæн у ИНО-йы генералон ассамблеайы цы æрцыд уый, 141 паддзахад слæуыд æмæ йæ ныхмæ рацыд æнæпропорцион хæстæн Украинайы æмæ æркуырдта хæсты фæурæд. 141 гæнæн ис æмæ хуымæтæг цифра уа, фæлæ ахæм нымæцы хицауадты иудзинад тынг нысаниуæгджын у», – расидтис Прайс.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, абон æнæманг у солидарондзинад Украинайæн.
«Мах сидæм алы бæстæмæ, йæ фарсыл рахæцой Украинайы хæдбардзинадæн, суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Слæууой сæйраг принципты хъахъхъæды, кæцыты бындуры ис законыл бындурæвæрд уаг, кæцы 70 азæй фылдæр бахъахъхъæдта стабилондзинад, æдасдзинад æмæ хорз царды æнæпрецедентон уаг. Уый уыцы приницп у, кæцы Уæрæсе 2008-æм азы фехæлдта, тынг цъус бæстæ æмбары Уæрæсейы агресийы потенцион фæстиуæг хорз, куыд Гуырдзыстон , кæцыйы 2008-æм азы уырыссаг тыхтæ бабырстой», – сиды Прайс.