Нед Прайс – гуырдзыаг адæм, Гуырдзыстоны хицауад æхсæнадæмон æмгарады фарсмæ лæууы, æнгом контакт нын ис Гуырдзыстоны нæ коллегæтимæ цæугæ ситуацийы фæдыл
Гуырдзыйаг адæм, Гуырдзыстоны хицауад æхсæнадæмон æмгарады фарсмæ лæууы, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвар Нед Прайс райхъусын кодта.
Журналист АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвары фарста Украинайы хъахъхъæнынады министрады рагысгарæг куысты фидиуæны тыххæй, кæцымæ гæсгæ дæр, «Æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны тыххæй, Уæрæсейы Федераци цух у æфсæддон, дывæр нысаниуæгы æмæ æмбæстагон базайрагæй ифтонгады фадатæй. Санкцитæй хиаиуварс кæныны нысанæн, уырыссаг агенттæ æвзæрын кæнынц контрабандон каналтæ, кæцытæ сты Гуырдзыстоны территорийы уылты. Уымæ гæсгæ гуырдзыйаг спец-куыстытæм лæвæрд уыд барамындтæ политикон къухдариуæгадæй, ма райстаиккой хайад контрабандистты куысты».
Фарстыл ис æви нæ АИШ-æ исты информаци Украинайы рагысгарæг куыстæн баххуыс кæнынæн æмæ цы фæстиуджытæ уыдзæн уыцы бæстæтæн, кæцытæ бацархайдзысты баххуыс кæнын Уæрæсейæн кæнæ Белорусæн санкцитæй хи аиуварс кæнын, Нед Прайс райхъусын кодта, цæмæй АИШ-ы хицауады минæвæрттæн æнгом контакт ис Гуырдзыстоны сæ коллегæтимæ.
«Æз нæ дæн уыцы позицийы, цæмæй лæмбынæг фæныхас кæнон цы аххосæгтæ айзæлын кодтат уыдоныл. Мах фæныхас кодтам ацы темæйыл ивгъуыд къуырийы, фæлæ гуырдзыйаг адæм абаргæйæ дзæбæх хъуыды кæнынц, цы нысан кæны уырыссаг агресси, уый нымæцы Уæрæсейы архæйдтытæ, ратона кæна суверенон территоритæ. Федтам, цæмæй гуырдзыйаг адæм, гуырдызстоны хицауад æхсæнадæмон æмгарады фарсмæ лæууынц, уый нымæцы нысаниуæгджын хъæлæкæнынады рæстæджы ИНО-ы, Уæрæсе Украинайы цы аразы уый ныхмæ. Æнгом контакт нын ис Гуырдзыстоны нæ коллегæтимæ цæугæ ситуацийы тыххæй æмæ адарддæр кæндзыстæм æнгом контактыл уæвын», – райхъсын кодта Нед Прайс.
Санкциты иувæрсты æрзылды хъуыддаджы æххуысы цауы гæнæн фæстиуджыты тыххæй Нед Прайс банысан кодта, цæмæй конкретон бæстæйыл ныхасæй цух, АИШ райхъусын кодта, цæмæй уыцы бæстæтæ, кæцытæ бацархайдзысты АИШ-ы æмæ йæ партнерты æрбайст санкциты иувæрсты æрзилын, кæнæ уыцы бæстæтæ кæцытæ исты амæлттæй бацархайдзысты баххуыс кæнын Кремлæн хæстон архæйдтытæ финансонæй уæнæ хæцæнгарзæй ифтонгадæй, æрлæудзысты серьозон фæстиуджыты раз.