NDI –ы рафарст æмбæстæгты 74% нырма нæ ахицæн кодтой кæмæн схъæлæс кæндзысты президентон æвзæрстыты
Зæгъгæ сом президентон æвзæрстытæ цæуа, рафарст æмбæстæгты 20 процент бæлвырдæй зонынц кæмæн схъæлæс кæндзысты, 74 процент нырма нæ ахицæн кодтой, 5 процент та бынтон нæ зонынц ацæудзысты æви нæ æвзæрстытæм, æрмæст 1 % дзуапп раттын не сфæнд кодтой. Уый фæдыл националон-демокративон институт (NDI) æмæ CRRC-ы Гуырдзыстоны июны уагъд æхсæнадон хъуыдыйы иртасæны фæстиуджыты президентыл райхъусын кодтой.
Иртасæны быдырон куыстытæ ауагътой 23 июны – 8 июлы периоды, Гуырдзыстоны масштабæй (оккупацигонд территориты цухæй) 2,409 интервьюйы минæварадон равзæрсты бындурыл. Иртасæны рæдыды процент у 1,9.
NDI –ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.