«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарст цæрджыты 76 % дзурынц, цæмæй фылдæр æхца хардз кæнынц хæринагыл
«Националон –Демокративон Институты» (NDI) æмæ «Кавказы Иртасæнты ресурсты центр (CRRC) Гуырдзыстон»-ы абоны публикацигонд иртасæнмæ гæсгæйæ, райртасгондты 76 процент дзурынц, цæмæй сеппæтæй фылдæр æхца хардз кæнынц хæринагыл.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, цæрджыты 62 процент дзурынц, цæмæй сæрмагонд æфтиаг коммуналон фидтонтыл хардз кæны, афтæма рафарстгондты 38 проценты ныхæстæм гæсгæ, фылдæр æхца хардз кæнынц хостыл, æрмæст 30 % сæрмагонд æфтиæгтæ кредиттыл æм ипотекæтыл хардз кæнынц.
Иртасæн цыд 13-29 июлы периоды, Гуырдзыстоны масштабæй (оккупацигонд территоритæй цух), 2,131 комкоммæ интервьюйы бæрнонадон равзаргæйæ.
Рæдыд гæнæн ис уа +/- 2-3 проценты.
NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.