«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнг суæвынимæ разы сты, рафарст цæрджыты 82 процент, æрмæст НАТО-йы уæнгдзинадимæ та - 74 проценты
Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарсхæцджыты нымæц цыппар процентæй райрæзтис æмæ 82 процент у – уый фæдыл дзырдæуы националон-демокративон институты (NDI) иртасæны.
Фарстыл – райсинаг у æви нæ Гуырдзыстоны нысан, Гуырдзыстон суа евроцæдисы уæнг, рафарст цæрджыты 82 процент хъусын кæнынц, цæмæй райсинаг у, æрмæст 10 процентæн та у нæрайсгæ, аст процент нæ зонынц.
Раззаг иртасæны бæрæггæнæнтæй, кæцы 2019 азы июлы периодмæ æххæссыд, Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарсхæцджыты бараггæнæн уыд 78 процент, ныхмæлæуджыты та 14 процент.
НАТО-ы фæдыл фарстыл – зæгъгæ райсинаг у æви нæ Гуырдзыстоны хицауады бавдыст нысан, Гуырдзыстон суа НАТО-ы уæнг, рафарст цæрджыты 74 процент хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ райсинаг у. Нæрайсгæйыл нымайынц 14 процент, æрмæст 11 % та нæ зонынц.
Авторты информацийæ, иртасæн ацыд 2019 азы 19 ноябр – 13 декабры онг периоды, Гуырдызстоны масштабæй (оккупацигонд территоритæй цух), 2,180 интервьюйы, минæварадон равзæрсты бындурыл.
«NDI»-ы иртасæнтæ æххæстт цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст æххæст кæны «CRRC-Гуырдзыстон».