NDI –ы иртасæн-сæйраг быцæусидт вакцинацийы процессмæ æууæнк сбæрзонддæр кæнын уыдзæн
Националон Демокративон Институты æмæ CRRC –ы Гуырдзыстоны абон публикацигонд иртасæнмæ гæсгæйæ, коронавирусы пандемийы райдаынæй иу афæдзы сæрыл, цæрджытæ нырма дæр фæлмæцыд сты экономикон æмæ æнæнизхъахъхъæдимæ баст проблемæтæй.
Организациты ахæлиугонд информацийæ, æмбæстæгтæ æвæрццаг аргъ кæнынц, куыд фæтк дæтты хицауад пандемийæн (68 процент, 2020 азы декабры ацы бæрæггæнæн уыд 60%), фæлæ вакцинацимæ скептикон ахаст дарынц. Политикон кризисы фоныл, æмбæстæгтæ æвзæрст бæрзонд гæстæй, цæрджыты домæнтыл ориентацигонд политикæ ауадзыны æнхъæл сты.
«Хицауады вакцинацийы планы, эффективонæй гымайы цæрджыты æрдæгæй къаддæр(42%) æмæ æрмæст 35 проценты дзурынц, цæмæй сæм фадат куы уаид уæд вакцинацимæ рацыдаит. 53 процент дзурынц, цæмæй вакцинацимæ нæ рацæудзысты. Сылгоймæгтæ æмæ 55 аздзыдæй къаддæр кары æмбæстæгтæ æндæртимæ абаргæйæ, вакцинацимæ фылдæр скептикон ахаст дарынц. Низы ныхмæ хос бафтауын разы чи не сты уыдон æфсонæн æрхастой вакцинæйы гъæдыл æнæууæнк (48%) æмæ уый уырнын, цæмæй пандемийы фæтых уын бафæраздзысты æнæвакцинацийæ дæр (20%)» – банысангонд у организациты прес-релизы.
Бæстæйы уæвæг политикон кризисы фоныл, политиктæ хъуамæ сбæлвырд кæной, цæмæй цæрджыты раз уæвæг проблемæты алыг кæнын сæ сæйраг приоритет у. Вакцинацийы процессы рæстмæ ауадзын æмæ цæрджыты информир кæнынæн медицинон сферæйы минæвæртты æххуысæй спайда кæнын, скуыддзаггæнæг рол сыхæхст кæндзæн , цæмæй хицауад ацы нысаниуæгджын миссийы æххæст кæнын æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды сифтонг кæнын бафæраза», – райхъусын кодта NDI –ы Гуырдзыстоны офисы директор Алан Гилам.
Иртæст 17-24 февралы периоды Гуырдзыстоны масштабæй 2, 024 телефонон интервьюйы минæварадон равзæрсты бындурыл, бæстæйы æххæстаздзыд цæрджыты æхсæн ацыд, (оокупацигонд территоритæй цух). Рафарсты астæуккаг рæдыды арæн у +/-1.4 процент.