NDI-ы иртасæн - Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ та хъæддых разы сты бæстæйы Евроцæдисы уæнг суæвынимæ
Националон- Демократон Институты æмæ CRRC[1] Гуырдзыстоны публикацигонд иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмхъæлæсонæй разы сты бæстæйы Европаг æмæ евро-атлантикон интеграциимæ.
NDI-ы информацимæ гæсгæйæ, ног иртасæн кæцы еврокомиссийы 8 ноябры публикацигонд уынаффæйы онг уыд уагъд, бæлвыырд кæны, цæмæй евроинтеграци Гуырдзыстоны цæрджыты æнæцудгæ фæнд у – 79 процент разы сты бæстæйы Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ.
«Фæнысан кæнинаг у цæмæй фæстаг иу афæдзы дæргъы, нысаниуæгджынæй райрæзтис уыцы адæймæгты нымæц, кæцытæ Евроцæдисы нымайынц Гуырдзыстоны сæйрагдæр экономикон æмæ политикон партнерæй» – дзырдæуы организацийы публикацигонд фидиуæны.
«Иртасæн дырыс æвдисы цæрдыты æмхъæлæсон цæстæнгас уый фæдыл, цæмæй сæм куыд кæс фидар æмæ размæцыд Гуырдзыстон. Гуырдзыстоны æмбæстæгты ацы цæстæнгас эконмикон фарны æмæ Европаг фидæны уылты у. Политикон зылдты уæвæг поляризацийы фоныл, бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджыты æмуддзинад партион сипатитæй бæрзонддæр лæууы. Нысаниуæгджын у,цæмæй политиктæ, кæцытæ адæмы интерестæн хъуамæ лæггад кæной, цæрджыты хъæуындзинæдтæм раздахой хъусдард æмæ сыххæст кæной Гуырдзыстоны æмбæстæгты фидæны цæстæнгас», – райхъусын кодта Алан Гилам, NDI-ы Гуырдзыстоны офисы директор.
Фæнысангонд хыгъдлæвæрд 14 октябрæй 4 ноябры онг бæстæйы масштабæй уагъд Гуырдзыстоны æххæстаздзыд цæрджыты минæварадæй сæрмагонд рафарсты фæстиуджытыл бындурæвæрд у (оокупацигонд террторитæй цух). Октябры уагъд рафарсты ис æдæппæт 2068 интервью . Рæдыды астæукаг барæн иртасæны +/-2,2 проценты бæрц у», – банысангонд у NDI-ы информацийы.