«NDI» бынæттон хæдуынафæйы æвзæрстытæн аргълæвæрды нысанæн, чысыл, дæргъвæтин æхсæнадæмон мисси æххæст кæнынмæ æрывнæлдта
Националон-Демократон Институт (NDI) абон Гуырдзыстоны 2021 азы бынæттон хæдуынафæйы æвзæрстытæн аргълæвæрды, дæргъвæтин, æхсæнадæмон чысыл асы миссийы райдаыны тыххæй фехъусын кодта.
«NDI» дæргъвæтин аргълæвæрдты бал æртæ аналитикы, миссийы къухдариуæггæнæджы æмæ сæ гуырдзиаг æххуысгæнджытæй уыдзæн. Бал æвзæрстытимæ баст цалдæр æлхынцъаг фарст бацахуыр кæндзæн, сæ нымæцы: æвзарæнон кампанийы процесс, æвзарæнон администраци, медиа æмæ информацион æрдз, гендеры æмæ инклюзийы фарстæтæ, афтæма «Квоид-19»-ы æндæвдад æвзæрстытæм.
Фидæн мæйты дæргъы, «NDI» активон баст уыдзæн æвзарæнон процессты стынг кæныны æмæ рекоменжацитæ бакусыны рæстæджы дæргъвæтин аналитикты ссарæггæгтыл æнцой кæндзæн. Дæргъвæтин аналитиктæ Тбилисмæ 4 æмæ 5 сентябры æрцыдысты æмæ Гуырдзыстоны хъæлæскæныны бон хынцгæйæ лæудзысты.