«NBC News»  -  Джо Байден тæрхон кæны  Украинайы арæнгæрон бæстæты сæрмагонд æфсæддон тыхты  æрлæууын кæныны фæдыл
«NBC News» - Джо Байден тæрхон кæны Украинайы арæнгæрон бæстæты сæрмагонд æфсæддон тыхты æрлæууын кæныны фæдыл

Джо Байден, тæрхон кæны  Украинайы арæнгæрон бæстæты сæрмагонд æфсæддон тыхты  æрлæууын кæнын.   Уый фæдыл  информаци,  АИШ-ы хъахъхъæнынады департаменты æмæ  президенты администрацийы  сæрмагонд  минæварыл æнцойæ, – хъусын кæны  «NBC News».

Сæ информацийæ,  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдар Ллойд Остин æмæ  гарзджын тыхты бæрзонд гæстæ, президент  Байденæн  бавдыстой æндæр  æмæ æндæр æнхъарæнтæ АИШ-ы  æнхъæлцау  дзуаппон архæйдтыты  фæдыл   Уæрæсейы  Укринамæ лæбурды  цауы, афтæма Украинамæ  Уæрæсейы гæнæн  лæбурды агъоммæ  АИШ-ы  хъахъхъæнынады  тыхты  змæлды  гæнæн   варианттæ.

АИШ-ы  хъахъхъæнынады  департаменты æмæ  президенты  администарцийы  минæвæртты  хъусинагæй,   æнхъарæнты бавдыст АИШ-ы  президенты  «Кемп-Дэвиды»   резиденцийы, националон æдасдзинады  балимæ уагъд  фембæлды рæстæджы  уыд.  Сæ дзæрдæй  зæгъгæ, бæрзонд гæсты æнхъарæнтæ  сæ  хъуыдыйы  дарттой  регионы бомбæзгъалджыты  тахт, Сау денджызмæ æфсæддон науты  баконд, гарзджын тыхты  арвитын   Европæйы æндæр æмæ æндæр регионтæм  æмæ  Украинайы  арæнгæрон  бæстæтæм, Польшæ æмæ Румынимæ. Ллойд Остины  бавдыст вариантты  нысан у, НАТО-ы уæнг  бæстæты иргъæфхъомад  стынг  кæнын,  иудзинады,  хъæддыхдзинады демонстраци  æмæ Уæрæсей  агресси бауромын.

«NBC News»-ы  минæвары  информацийæ,  президентæн радзырдтой  бæрæгдзау куыстæй  æрбафтгæ информаци, ома Уæрæсе  та  дарддæр кæны  æфсæддон иугæндты  уæлдай кæнын æмæ  Украинайы арæнгæрон районтæм  се æрвыст.   Уæ дзырдæй,  президент Байден  АИШ-ы  гарзджын  тыхты мæ уæлæмхас  æфсæддон  ифтонггæрзты  Европæмæ  арвитыны  фæдыл  уынаффæ æввахс бонты рахæсдзæн.