Натойы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны парламенты иудадзыг делегаци ассамблейы организгонд семинары иста хайад
Натойы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны парламенты иудадзыг делегаци ассамблейы организгонд семинары иста хайад

28-30 апрелы НАТО-йы парламентон ассамблей æмæ Турчы парламенты организгонд Турчы Республикæ Анталийы уагъд æрцыд  экономикон æдасдзинады комитеты иумæйаг семинар. Фембæлдыл НАТО-йы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны парламенты иудадзыг делегаци Гиви Микъанадзейы сæргълæудæй иста хайад.

Парламенты пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, мадзалы рæстæджы каст цыд ахæм фарстатыл, куыд Æввахс Скæсæн æмæ Цæгат Африкæйы регионы экономикон æмæ æдасдзинады фарстатæ, терроризмы ныхмæ тох, НАТО-имæ æмкуыстдзинад. Афтæ дæр Сау Денджызы регионы æдасдзинады фарста æмæ Украинайы цæугæ хæстон уавæр.

«Дискуссийы бахахх кодтой, цæмæй НАТО æндæр æмæ æндæр форматты Æввахс Скæсæны æмæ Цæгат Африкæйы бæстæтимæ æмгуыстад фæарфдæр æмæ рауæрæх кæна, æдасдзинады ног механизмтæ æрбакæна æмæ гибридон фарстатимæ тох кæна».

Сау Денджызы регионы фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, банысан кодтой, цæмæй Украинæйы хæсты уавæры тыххæй, Сау Денджызы æдасдзинады фарстатæ фæфылдæр сты, æмæ хæсты æфсæддон æрбæстон кæнын ныртæккæйы уавæрты æнæперспективон у. Уымæ гæсгæ банысан кодтой дипломатон тыхархайдтытæ фæтыхджындæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад. «Дискуссийы рæстæджы банысангонд æрцыд Гуырдзыстон æмæ Украинæимæ æмгуыстады фæарфдæр æмæ рауæрæхдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад дæр», — дзырдæуы парламенты пресс-службæйы хъусинаджы.