НАТО-ы уæнг бæстæты хъахъхъæнынады тыхты сæргълæуджытæ ауадздзысты фембæлд гуырдзиаг æмæ украинаг коллегæтимæ
12-13 январы НАТО-ы уæнг бæстæты хъахъхъæнынады министрты æфсæддон комитеты рабадт ацæудзæн.
Цæгататлантикон организацийы пресс-куысты информацийæ, 13 январы альянсы уæнг бæстæты хъахъхъæнынады тыхты сæргълæуджытæ ауадздзысты фембæлд гуырдзиаг æмæ украинаг коллегæтимæ. Фембæлд уыдзæн виртуалон режимы.
НАТО-ы пресс-куысты хъусинагæй, виртуалон фембæлдыл Гуырдзыстоны æмæ Украинайы æдадсзинады æрдгæй уæвæг уавæр æмæ хъахъхъæнынады сферæимæ баст реформæты цыд афæлгæсдзысты.