НАТО-ы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, рауагъдад «Бильды» хъуыды, ома Германи февралы Уæрæсейы æрдгæй НАТО-ы хурыскæсæн флангмæ гибридон бырстмæ цæттæ кæны, æрмæстдæр ахуырадон сценарий у
Цæгат-атлантикон альянсы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, рауагхдад «Бильды» статийы лæвæрд хъуыды, ома Германийы гарзджын тыхтæ 2024 азы февралы Уæрæсейы æрдгæй НАТО-ы хурыскæсæн флангыл гибридон бырстмæ цæттæ кæнынц, æрмæстдæр ахуырадон сценари у.
Уый фæдыл НАТО-ы раздзог фæлтæрды стратегон коммуникациты центры директоры Яннис Сартс фыссы социалоны хызаджы.
«Бильд» самал кодта ахуырадон сценари, кæцы кæддæриддæр у æрымысгæ уавæр, цæмæй басгарæм æфсæддон фадæттæ æндæр æмæ æндæр сферæты. Кæддæр ахæм сцкенаритæ бынтон æрымысгæ, æрдзы нæуæвæг бæстæтыл цыдысты фыст. Ныр та арæздæр пайда кæнынц реалон бæстæтæ æмæ географион равæрдтæй», – фыссы Сартс.
Немыцаг рауагъдад «Бильд» ныффыста, цæмæй Германийы гарзджын тыхтæ 2024 азы февралы Уæрæсейы æрдгæй НАТО-йы хурыскæсæн флангыл гибридон бырстмæ цæттæ кæнынц.