НАТО-ы æфсæддон комитеты уæнгтæ æхсæнуагдонон ахуыр «Дидгори 2023»-ы цыдимæ æрзонгæ сты
Гуырдзыстоны визитæ уæвæг НАТО-ы æфсæддон комитеты уæнгтæ НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центры (JTEC) цæугæ æхсæнуагдонон сæрдарадон штабон азуыр «Дидгори 2023» цыдимæ æрзонгæ сты.
Хъахъхъæнынады министрады пресс-куысты информацийæ, симуляциты, бастдзинады æмæ информацион системæты центры ног бæстыхайы уазджытæ ахуыртæ генералон штабы æмæ æхсæнуагдонон операцион, афтæма симуляцион центрты куысты фæдыл информаци хъахъхъæнынады министрады, афтæма «Дидгори 2023»-ы хайадисæг æндæр æмæ æндæр паддзахадон уагдоны минæвæрттæй райстой. «Дидгори 2023»-ы къухдариуæггæнæг уæнгтæ НАТО-ы минæвæрттæн националон æмвæзады ахуыртæ сплан кæныны æмæ сæххæсты процесс дæр базонын кодтой.
«Кърцъанисмæ» визиты рæстæджы НАТО-йы æфсæддон комитеты сæрдар, адмирал Роб Бауэр JTEC-ы хъахъхъæнынады тыхты къухдариуæггæнæг, инæлар-майор Гиорги Матиашвилиимæ, йæ хæдивæгимæ, бригадæйы инæлар Иракли Чъиъинадзеимæ æмæ хъахъхъæнынады тыхты минæвæрттимæ фембæлдыл НАТО-имæ æмæ уæнг бæстæтимæ æмгуыстады перспективæтыл фæуынаффæ кодтой. JTEC-ы камандыгæнæг уазджытæн центры куысты фæдыл деталон информаци базонын кодта.
Гуырдзыстон НАТО-ы æфсæддон комитетæн фæндзæм хатт фысым кæны. Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, НАТО-ы æфсæддон комитеты сæрдар Гуырдзыстоны хъахъъæнынады министр, Джуаншер Бурчъуладзеимæ фембæлдис. Плангонд у альянсы æфсæддон комитеты пленарон рабадт ауадзын дæр.