НАТО - Уæрæсе дарддæр кæны Украина æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халын, не ххæст кæны бирæнымæцон æхсæнадæмон хæстæ
«Уæрæсе дарддæр кæны дестабилизацион архæйдты хъæддых модел æвдисын, уый нымæцы Украина æмæ Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинад халгæйæ, бирæнымæцон æхсæнадæмон хæстæ æмæ сæ нымæцы Будапешты меморандум халын, æнæсæххæст æмæ сæ иувæрсты зилын» – уый фæдыл дзырдæуы НАТО-ы фидиуæны.
Уæрæсейы дестабилизацигæнæг архæйдты цæвиттонæн альянс афтæдæр æрхаста НАТО-ы уæнг бæстæты, сæ нымæцы АИШ-ы æвзæрстыты процессы Уæрæсейы хифæтъыссыны архайд, дезинформацион кампанитæ æмæ знаггадгæнæг кибер-архæйдтæ.
АИШ-ы æмæ НАТО-ы иннæ уæнг бæстæты аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, америкаг компани «Соларвиндмæ» бырстыл бæрн æвæрд у Уæрæсейы Федерацийыл.
НАТО-ы цæнгтæ фауынц уырыссаг оппозиционер Алексей Навальныйы ныхмæ «Новичок»-ы къорды нервон парализгæнæг буарадæй архайын.
«Химикон хæцæнгарзæй цыфæнды архайд, кæцыфæнды уавæрты у æхсæнадæмон барады æргом халын æмæ йæ ныхмæ цæуы химикон хæцæнгарзы фæдыл конвенцийæн. Афтæдæр мæтæфтауæг сты хъусинæгтæ, ома Уæрæсе цырын кодта бырстытæ Афгъанистаны АИШ-ы æмæ НАТОзы тыхты ныхмæ» – дзырдæуы альянсы фидиуæны.
НАТО-ы фидиуæнæй, альянс зæгъгæ адарддæр кæндзæн æмгуыстад Уæрæсейы архйдтытыл реагиркæнынæн.
Альянс сиды Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ ныууадза дестабилизацион митæ æмæ бахъахъхъæнæт сæрмагонд æхсæнадæмон хæсист. Афтæма сиды Мæскуымæ , цæмæй ныуадзæт провокацитæ æмæ æнæаргъæвгæйæ деэскалаци скæна Украинайы арæнты æмæ анексиргонд Хъырымы.
Альянсы афтæдæр банысан кодтой, цæмæй НАТО гом у Уæрæсеимæ даилогмæ æмæ конструктивон ахастытæм, Уæрæсейы архæйдтæ уый фадат куы ратдзысты уæд.