НАТО Уæлхох Карабахы конфликты зонæйы æфсæддон архæйдтытæй тыхстдзинад æвдисы
Цæгат-атлантикон альянс Уæлхох Карабахы конфликты зонæйы егъаумасштабон æфсæддон архæйдтыты тыххæй мæтæйдзаг у – уый фæдыл Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи фидиуæны мидæг дзырдæуы.
«Фарсытæ æнæаргъæвгæйæ хъуамæ бауромой æфсæддон быцæудзинад, кæцыйы фæстиуæгæн ныридæгæн ис амæттаг дæр сабыр цæрджыты æхсæн. Ацы конфликты аскуыддзаг кæнын æфсæддон фæндагæй нæй гæнæн. Конфликты сабырæй аскуыдзагæн фарсытæ хъуамæ адарддæр кæной бадзырдтæ. НАТО разы у OSCE-ы Минскы къорды куыстимæ» – банысангонд у фидиуæны.
Бакой уын кæндзыстæм Уæлхох Карабахы конфликты зонæйы уавæр абон сæумæрайсомæй тынг фæкарз ис. Сомихыстон æмæ Азербайджан, ситуацийы эскалацийы æмæ æхст райдаыны кæрæдзийы аххосджын кæнынц. Хæлиу кæны информаци, ома дыууæ рдæгæй дæр ис фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ.