НАТО-йы парламентон ассамблейы уалдзыгон сесийы фæлгæтты, Гуырдзыстоны парламентон делегаци Туркы парламентон делегациимæ фембæлд
Дейтоны, Огайойы, цыран 22-26 майы цæуы НАТО-йы парламентон ассамблейы 2025-æм азы уалдзыгон рабадт, Гуырдзыстоны парламенты иудадзыгон делегаци Гиви Миканадзейы сæргълæудæй, Турчы парламентон делегациимæ, кæцыйы сæргълæууæг у Мевлют Чавушоглу, официалон фембæлд сарæзта. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.
Парламенты информацимæ гæсгæ, фембæлды рæстæджы, фарсытæ Сау Денджызы регионы æдасдзинады къорд фарстайыл фæныхас кодтой. Сæрмагонд хъусдард сцырын ис Гуырдзыстон æмæ Туркы æхсæн стратегион партнерадмæ.
«Фембæлды рæстæджы бахахх кодтой геополитикон ивæндзинæдты контексты дывæрсыг æмæ бирæвæрсыг парламентон форматты партнердзинад адарддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад».
Гуырдзыстоны парламенты делегацийы сæргълæууæг Гиви Микъанадзейы ныхасмæ гæсгæ, регионалон стабилондзинадæн дыууæфарсон æмкуыстдзинад критиконæй нысаниуæгджын у. Ахæм фембæлдтытæ ноджы иу хатт æвдисынц дыууæ бæстæйы парламентты æхсæн парламентон дипломатийы арфдæрдзинад.
Мевлут Чавушоглу расидтис Туркы фидар фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ евроатлантикон интеграцийæн.
Фембæлдыл НАТО-йы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны делегацийы уæнгтæ истой хайад: Евроинтеграцийы комитеты сæрдар Махашвили Леван æмæ æттаг æмахастыты комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Мариам Лашхи» -ис фыст парламенты расидæны.