НАТО-йы  хъахъхъæнынады министрты абоны фембæлдыл  тæрхон кæндзысты Уæрæсейæ  цæугæ  æртхъирæнтыл
НАТО-йы хъахъхъæнынады министрты абоны фембæлдыл тæрхон кæндзысты Уæрæсейæ цæугæ æртхъирæнтыл

НАТО-йы  хъахъхъæнынады  министрты абоны фембæлдыл  тæрхон кæндзысты  Уæрæсейы  цæугæ  æртхъирæнтыл.  Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  Пентагон.

АИШ-ы  æфсæддон уагдоны  хъусинагæй,   фембæлды  фыццаг сесси  фокусиргонд уыдзæн   альянсыл, афтæма  фæурæды æмæ  хъахъъхæнынады  политикæ фæфидар кæныныл,  кæцы баст у Уæрæсеимæ.

«Цæстæйуынгæ у, цæмæй Уæрæсе  НАТО-йы  уæнгтæн  æмæ  сæ нымæцы АИШ-æн у  тæссаг.  Уæрæсе архайы æфсæддон тыхæй сæрмагонд нысмæнттæм баххæссынæн.  Уыдон  расайынц хаос  æмæ йæ бын къахынц  азтыл æнцойæвæрд æхсæнадæмон сæрфадæн.  Байдены  администраци  нырид дырысæй райхъусын кодта, цæмæй   бакусдзыстæм  Уæрæсеимæ  АИШ-ы  интерестæ размæ рахæцынæн, фæлæ иурæстæгонæй   Уæрæсейæ дзуапп æрдомдзыстæм  æнæмбаргæ  æмæ агрессвион  архæйдтыты тыххæй  æмæ ацы фарстыл  дискуссимæ æнхъæлмæ кæсæм НАТО-йы  уæнгтимæ» –   фехъусын кодтой Пентагоны.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй НАТО хъахъхъæнынады министрты  фембæлд  абон ацæудзæн. Бадзырдтыл фыццаг хатт уыдзæн Пентагоны ног сæргълæууæг  Ллойд Остин.