НАТО-йы æфсæддон комитет Гуырдзыстонимæ æмгуыстады форматы æфсæддон комитеты пленарон рабадт ауагъдта
НАТО-йы æфсæддон комитет Гуырдзыстонимæ æмгуыстады форматы æфсæддон комитеты пленарон рабадт ауагъдта

Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты НАТО-йы æфсæддон комитет  Гуырдзыстонимæ æмгуыстады форматы æфсæддон  комитеты пленарон  рабадт ауагъдта.

Рабадтмæ арфæйы ныхасæй  раздæхт  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе. Фембæлдыл  раныхасгæнджытæ, афтæдæр  уыдысты НАТО-йы  æфсæддон комитеты сæрдар адмирал Роб Бауэр æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты хистæр, инæлар-майор  Гиорги Матиашвили.

«Рабадты фæлгæтты НАТО-йы æфсæддон комитеты минæвæрттæ деталон информаци райстой  регионы уæвæг  æдасдзинады уавæры æмæ бæстæйы раз цы расидтытæ ис уыдон тыххæй.   Иумæйаг рабадтыл  альянсимæ æмгуыстады сæйраг æрдæмадтæ æркастысты. Хъусдард здæхт уыдис  альянсим НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты сыххæсты процессыл.

Гуырдзиаг фарс НАТО-ы æфсæддон комитеты уæнгтæн  ранæуæггонд информаци бадæтта Гуырдзыстоны хъаххъæнынады трансформацийы  æмæ баххæсгæ  прогрессыл»-  банысангонд у хъахъхъæнынады министрады ахæлиугонд информацийы.

Рабадты  фæуды фæстæ, НАТО-йы  æфсæддон комитеты сæрдар, адмирал  Роб Бауэр æмæ Гуырдзыстоны  хъаъхъæнынады тыхты сæрдар,  инæлар-майор  Гиорги Матиашвили  иумæйаг фидиуæнтæ сарызтой.

«Æфсæддон комитет Гуырдзыстоны фæндзæм хатт ис, кæцы ноджы иу  хатт бæлвырд кæны альянсы  хъæддых фарсхæцын   Гуырдзыстонæн æмæ  хахх кæны  НАТО-имæ æфсæддон æмгуыстады  нысаниуæг», – дзырдæуы Гуырдзыстоны хъахъъæнынады министрады ахæлиугонд информацийы.

Визиты фæлгæтты æфсæддон комитеты  сæрдар хъахъхъæнынады министр æмæ парламенты сæрдаримæ  фембæлдис.  Комитеты уæнгтæ  «Кърцъанисы» дæр уыдысты, цы ран æрзонгæ сты æхсæнуагдонон камандыгæнæгон штабон ахуыр «Дидгори2023»-ы цыдимæ.