National Geographic – Зæххыцъарыл, Гуырдзыстоны æнгæс бæстæ, æндæр нæй
Туризмы национ администрацийы маркетингон кампанийы фæлгæтты, «Нейшнл Джеографик» (National Geographic) Гуырдзыстоны фæдыл публикаци кæны цыппæрæм статий. «Зæххыцъарыл Гуырдзыстоны хуызæн бынат никуы ис» – ахæм ныхæстæй райдайы «Off the beaten track in Georgia». Информацийы хуъсын кæны туризмы национ администраци.
Автор Аарон Хьюи Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионы туристон потенциалы тыххæй фыссы. Журналисты дзырдæй, Гуырдзыстонмæ балцæй адæймаг цы тæлмæн райсы уымæн ферох кæнын гæнæн нæй, ацы бæстæ зæгъгæ у бонджын йæ культурæйæ æмæ бирæгъуызон æрдзæй.
Статийы кæрон автор Гуырдзыстоны сæйраг сахары тыххæй фыссы. Журналисты дзырдæй, Тбилис зæгъгæ кæддæриддæр уыд культурæйы центр, ацы сахар хицæн кæны уымæй æмæ дзы ам, бирæ сты æндæр æмæ æндæр дины æмæ этникъон къордты минæвар цæрджытæ. Журналист радзуры зæронд Тбилисы архитектурæйы æмæ сахары æхсæвыгом царды тыххæй.
Статийы кæрон, Аарон Хьюи, йæ кæсджытæн амоны: «Гуырдзыстонмæ куы ныццæудзыстут уæд бирæ цаутæм ут цæттæ, ма тагъд кæнут, ам æрыййафдзыстут фестивальтæ, басгардзыстут гуырдзиаг хæринæгтæ. Цæттæ ут, цæмæй уæ гæнæн ис бынæттонтæ зарын сахуыр кæной. Цы фæнды æфсæрмгæнаг уат – уæддæр акафут, æмæ стæй уæ ивгъуыды бонтæм ку акæсат, уæд бамбардзыстут, цææмй уæ цæрæнбонты ангæс никуы ницы рахатыдыстут. Уойæ, ай Гуырдзыстон у!» фыссы журналист.