«National Geographic» публикаци кæны стати – Хачъапури, гуырдзиаг классикæ, кæцы æнæмæнгæй хъуамæ ацаходай
Хачъапури – гуырдзиаг классикæ, кæцыйы æнæмæнгæй хъуамæ ацаходай – ахæм сæргондæй стати публикаци кæны «National Geographic» .
Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийы информацийæ Дунейы иуæй-иу сеппæтæй бæрзонд рейтингон рауагъдады журналист, Дженифер Хатамб Гуырдзыстонмæ балц кодта Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийы пресс-туры фæлгæтты. Статийы автор «National Geographic»-ы инлайнкæсджытæн Гуырдзыстоны туристон потенциалы æмæ кулинарийы знгæ кæны.
Стаийы Гуырдзыстоны гастрономион ассоциациты, кулинарон гидты, алæвæрдты акæнджыты, шефты æмæ хæлцады объектты интервьютæ ис гуырдзиаг хæринæгты фæдыл.
«Тбилисмæ æрцыдтæн цæмæй хачъапурийы тыххæй фылдæр базыдтаин. Ацаходыны фæстæ бамбæрстон, цæмæй мын цалдæр бон не сфаг уыдаит æмæ хачъапурийы æндæр æмæ æндæр верситимæ базонгæйы тыхæхй бахъуыдаит фылдæр рæстæг. Гуырдзыстоны хачъапурийы зæгъæн ис 50 хуыз ис. Сæ иутæ сты тымбыл, иннæ квадратон, гæнæн ис уа гом, æмбæрзт хыссæйæ, фæлмæн, кæнæ цъæрттæ църттæ. Хачъапури фыцынц куыд гом афтæ пецы, æмхæццæ фыдæй, цæзæрагæрдæгæй, картоф кæнæ хъæдындзимæ» фыссы- дженифер Хатам.
«National Geographic»-ы журналисты дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг кулинарты, фæнды Хачъапури Юнескойы æнæматериалон куьтурон бындарады хайыл бынмайын.
Журналист ма афтæдæр фыссы, цæмæй инфляци бахыгъд кæнынæн Гуырдзыстоны иу хачъапурийы индексæй дæр архайынц.
Хачъапурийæ уæлдай ма, «National Geographic»-ы статийы æндæр гуырдзиаг хæринæгты тыххæй дæр ис дзырд – пхали, хинкали, сациви æмæ лобиойы тыхæхй.