Натиа Турнавайы дзырдæй, Гуырдзыстон уыдзæн иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæдæмдæр Балтийы былы бæстæтæй, сæ нымæцы Эстонийæ, æрцæудзысты туристтæ
Экономикæ æмæ æнæмфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава, Эстонийы экономикæйы æмæ инфраструктурæйы министр Таави Аасимæ онлайн-фембæлд ауагъдта.
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады информацийæ, фембæлдыл дыууæфарсон экономикон æмгуыстадыприоритетон æрдæмадтæ æркастысты. Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд æмгуыстады æрдæм транспорты æмæ туризмы сферæйы.
Натиа Турнава, Эстойнаг коллегæйæн фехъусын кодта информаци Гуырдзыстоны цæттæдзинады тыххæй, фыццаг июлæй фегом кæна сæрмагонд туристон базар æхсæнадæмон визитортæн æмæ сын æдас баулæфынæн хъæугæ уавæртæ банхъырыны фæдыл.
Онлайн-фемблæды фæуды фæстæ Натиа Турнава куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæ, Гуырдзыстон æдасдзинады алы нормæйæн æмбæлгæ уавæртæй æнхъары. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстон иуæй-иу фыццаг бæстæ уыдзæн, кæдæмдæр Балтийыбылгæрон бæстæтæй, сæ нымæцы Эстонийæ, туристтæ æрцæудзысты æмæ афтæдæр нæхи æмбæстæгтæн уыдзæн сæ бон Эстонимæ фæуазæг уын.