Натиа Турнава – туристон индустри, вакцинацийы контексты уыдзæн приоритеон къорд, махæн иттæг нысаниуæгджын у, ацы индустри сæндидзын кæнын
Премьер-министры барамындæй, рахастам уынаффæ, цæмæй туристон индустри вакцинацийы контексты приоритетон къорд уыдзæн, уымæн æмæ ныр махæн сегасдæр ахсджиаг у, туристон индустрий сæндидзын кæнæм, уымæн маркетингон æххуыс æхсæнадæмон платформæйыл, цæмæй æнæхъæн дуне базона, ома Гуырдзыстоны туристон индустри ковидæдас кæй у, уый тыххæй, – уый фæдыл экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава æхсæнуагдонон координацион советы рабадты фæуды фæстæ фехъусын кодта.
Министры дзырдæй, вакцинаци у иунæгамал, кæцы тынг цырдæй нын сæндидзын æндзæнис экономикæ. Уымæ гæсгæйæ дæр, министрады системæмæ хауæг туризмы администраци кусдзæнис æндæр æмæ æндæр ассоциацитимæ – адон сты: туристон ассоциацитæ, ресторанты ассоциаци, фысымуæтты асоцаицитæ.
«Кусдзыстæм, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ рæхджы рафыст æрцæуа хъæугæ номхыгъдтæ æндæр æмæ æндæр ресторанты, фысымуæтты, туроператорт компаниты кусджыты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, барвæндонæй æмæ организацигондæй уыдзæн сæ вакцинаци, кæцыйы нын æнæнизхъахъхъæды мнистрад баххуыс уыдзæн. Фæнысангонды фæстиуæгæн, уыцы организацитæ, компанитæ, кæцы рæтты кусæг персоналы фылдæры хай, æнæнизхъахъхъæды министрады уагæвæрдмæ æмбæлгæйæ вакцинацигонд уыдзæн æмæ нымад цæудзæн ковидæдас фысымуатыл, рестораныл, ковидæадс компанийыл, нæ алы æхсæнадæмон платформæйыл, махмæ уæвæг алы маркетингон амæлттæй сын ауадздзыстæм промоушн æмæ æнæхъæн Дуне базондзæнис, цæмæй Гуырдзыстоны ацы кæнæ æндæр фысымуат кæнæ ресторан ковидæдас кæй сты, уый тыххæй», – банысан кодта Натиа Турнава.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд нын баххуыс уыдзæн туристон индустри цырдæй сæндидзын кæнын.
«Зонут, цæмæй нын практиконæй æрвылбойнонæй бамхас вæйы ног тахтытæ, авиакомпанитæ ног кæнынц æмæ æхсæнадæмон тахтыты ног æрдæмадты тыххæй хъусын кæнынц, æмæ ныр сæйраг у, нысаниуæгджын компонент у æдасæй фысым кæнын æмæ ацы уынаффæйæ , æдас фысым бæстæйы статус практикæйы сфидар кæндзыстæм», – райхъусын кодта экономикæйы министр.