Гуырдзыстоны Национ банкы президенты хæстæ æххæстгæнæг Натиа Турнава Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчинскиимæ фембæлдис.
Ныхас уыд АИШ-ы, Стыр Британийы æмæ Евроцæдисы æрдгæй Уæрæсейы Украинамæ лбырсты фæстиуæгæн фидаргонд финансон санкциты сæххæсты æгъдаумæ хаст ивддзинадыл. Фембæлдыл куыд банысан ис афтæмæй, ивддзинад сыххæсты нысан уыдис æхсæнадæмон санкциты сыххæсты процесс фæхуыздæр кæнын æмæ бынæттон закъондæттынадимæ æмбæлон скæнын. Президенты хæстæ æххæстгæнæг хаххгондæй банысан кодта, цæмæй Национ Банк иудадзыг коммуникацийы ис коммерцион банктимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ. Ныхас афтæдæр уыд æхсæнадæмон валютон фондимæ рæстæгмæ урæд программæйы сног æнæмæнгхъæуындзинадыл.
«Тынг дзæбæх фембæлд нын уыд Евроцæдисы минæваримæ. Деталонæй фæныхас кодтам Национ банкы ист регуляцийыл. Сфиксир кодтам, цæмæй сæххæст ивд уыдис санкциты æнæаипп æмæ Гуырдзыстоны закъондæттынадимæ æмбæлгæ скæнынæн. Ноджы иу хатт сфиксир кодтам, цæмæй Гуырдзыстоны финансон системæ æмæ Национ Банк æхсæнадæмон санкциты иузæрдыг у. Кæй зæгъын æй хъæуы, минæварæн уыдис фарстытæ ацы уныаффæйыл, кæцытæн не рдгæй деталон æмбарынгæнæн райста.
Афтæма фæныхас кодта Гуырдзыстоны макроэкономикон стабилондзинады нысаниугыл, цæмæй цыавæр расидтыытæ ис ацы этапыл. Афтæма иуæй-иу нысаниуæгджын фарста уыд Æхсæнадæмон Валютон Фондимæ рæстгæмæ урæд æмгуыстады амалуæвгæйæ тагъ сног кæнын» – райхъусын кодта Турнава.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчинскийы фидиуæнæй, фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны Национ банкы куыд фидар æмæ хæдбар профессионалон паддзахадон институты нысаниуæг.
«Гуырдзыстоны Национ Банкимæ иудадзыг коммуникаци нын ис. Фæныхас кодтам Национ банкы цæугæ фæстагрæстæгон процесстыл. Ме рдгæй бахахх ис ГНБ-ы куыд фидар æмæ Хæдбар профессионалон паддзахадон институты нысаниуæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæрмагондæй банысан кодтам Евроцæдисы æххуысы исæг алы бæстæйæн, макроэкономион стабилондзинады æнæмæнгхъæуындзинад сæрмагондæй ерын, иу мæйы фæстæ еврокомисси Гуырдзыстоны фæдыл ауæрæхы фыццаг хыгъдлæвæрд публикаци куы скæндзæн уæд. 12 приоритетæй дыккаг приоритеты конкретонæй дзырдæуы фидар паддзахадон институттыл. Ныфс дарын, цæмæй ГНБ-ы программæ сног уыдзæн, кæцы нын баххуыс уыдзæн æмгуыстад æнæкуылымпыйæ адарддæр кæнын æмæ Гуырдзыстонæн комкоммæ баххуыс кæнынæн», – загъта Павел Герчински фембæлды фæуды фæстæ.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны Национ Банк.